Æфсæддон фæтк
Алагиры скъоладзаутæн абон равдыстой 58-æм æфсады техникæ. Мадзал сарæзтой Алагиры районы парти "Иугонд Уæрæсейы" регионалон хайады секретарь æмæ бынæттон администрацийы хъæппæрисæй. Уазджытæн радзырдтой æфсæддон техникæйы тыххæй, сæ арæхстдзинад равдыстой пъæлицæйы сæрмагонд къордты кусджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ. Уымæй уæлдай ма уазджытæ саходыны бар уыд быдырон уавæрты конд хæринæгтæй. Ахæм мадзал Алагиры сарæзтой æртыккаг хатт. Фæткмæ гæсгæ йæ саразынц фыдæбæстæйы хъахъхъæнæджы боны агъоммæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æфсæддон фæтк
Категория:
Новости и СМИ