Хур - Зынгæфтауæг
Нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъусын кæны, Мæздæджы районы боныхъæды аххосæгты тыххæй зынгсирвæзтытæй тæссаг кæй у. Республикæйы скодта æвæджиауы `нтæф рæстæг. Цалдæр боны дæргъы термометр æвдыста 36-38 градусы хъарм, републикæйы цæгатварсы та - 40 градусы. Министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ирвæзынгæнджытæ æмæ аварион службæтæ сты æвæстиат цæттæ. Сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъус æмæ хъæугæ домæнтæ æххæст кæной. Зынгсирвæзтыты æдасдзинады домæнтæ чи хала, уыдон дисциплинарон, административон æмæ уголовон æгъдауæй æфхæрд баййафдзысты. Зынгсирвæзтыты нымæц ацы аз фæфылдæр ис. Фарон уыдысты уыдысты 18, ныртæккæ схæццæ сты 25-мæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ зынгсирвæзтытæй тæссаг у Алагиры, Æрыдоны æмæ Æрæфы районты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хур - Зынгæфтауæг
Категория:
Новости и СМИ