Тускъаты Таймуразы схорзæхджын кодтой «Цæгат Ирыстоны намыс»-ы майданæй
Бирæ азты æнтыстджын архайды фӕрцы республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæдыл Тускъаты Таймуразы схорзæхджын кодтой «Цæгат Ирыстоны намыс»-ы майданæй. Республикæйы кадджындæр хæрзиуæг райста регионы разамонæг Сергей Меняйлойæ. Тускъаты Таймуразæн арфæ ракæнгæйæ, фæнысан кодта, премьер йæ размæ æвæрд фарстатæ бæстонæй кæй æххæст кодта, æмæ зæрдæ дары дарддæр дæр æнтыстджын кæй уыдзæн, ууыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv