Дзæуджыхъæуы аэроклубы ацæудзысты ерыстæ планерон спортæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы аэроклуб у Уæрæсейы æппæты рагондæртæй иу. Йæ архайджыты хыгъды ис планерыл тæхгæйæ бæрзæнды рекорд. Уыцы æнтыстдзинад къухы бафтыд 1979 азы. Ныры онг æй ничи амбылдта. Ныртæккæ дӕр та дзы ацæудзысты ерыстæ планерон спортæй. Алексей Гришин планерон спорты ерысты бацархайынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд Мæскуыйæ. Тæхын спортсмен райдыдта æртæ азы размæ. Уæвгæ, цъæх арв та бауарзта бирӕ раздæр. Дзæуджыхъæуы планерон клубмӕ бацӕуын æмæ йæ хи цӕстӕй фенын уыд йæ рагон бæллиц. Планерыл атæхыны размæ уал, суанг фæлтæрдджын тæхджытæ дæр, ацæуынц хъæугæ инструктаж. Ацы спорт у цымыдисаг, фæлæ дзы алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъæуы. Дзæуджыхъæуккаг клубы планеристтæ фидæны ерыстæм сæхи æнтыстджынæй цæттæ кæнынц. Арвмæ стæхдзысты зӕрдӕргъӕвд фӕсивӕд Мæскуыйæ, Стъараполы æмæ Краснодары крайæ.Ныртæккæ уал спортсментæ цæттæ кæнынц сæ планертæ чемпионатæм. Хорз боныхъæд куы ралæууы, уæд тренировкæтæ дæр акæнынц. Планерон клубы ерыстæ сты æрвылазон. Ацы хатт сæ сбастой Европæйы чемпион Леонид Васьковы номимæ. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæндзысты 8 адæймаджы. Планеристты 'хсӕн ерыстæ райдайдзысты райсом. Цæудзысты æртæ боны. Уый фæстæ сбæрæг кæндзысты хуыздæрты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv