Цæгат Ирыстоны бизнесы рæзтæн банктæй æфстау æхца фылдæр исын райдыдтой
Цæгат Ирыстоны бизнесы рæзтæн банктæй æфстау æхца фылдæр исын райдыдтой - 7,5 млрд сомы æмиас. Уый ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 46% фылдæр. Республикæйы чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн кредиттæ радтой 37% фылдæр - 6 млрд соммæ ввахс. Егъау амалхъомадæн æфстау æхца радих кодтой 1млрд æмæ 5 милуан сомæй фылдæр. Уый ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæй дыууæ хатты фылдæр у. Уæлдай æхсызгондæрæй банчы гæнæнтæй спайда кодтой хъæууонхæдзарадон, базарадон компанитæ, транспорт æмæ бастдзинады къабазы куыстуæттæ.