Ансамбль «Алан»-ы кафджыты студи кæй сæхгæдтой, уый тыххæй адæм хъаст кæнынц
Ацы бонты дзырддаг сси, Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы алыварс цы райхалинаг фарста сæвзæрд, уый. Йæ бындурыл цы кафджыты студи байгом кодтой, уый ныр сæхгæдтой. Цæмæн? Ацы фарстæн афтæ дæр бæлвырд дзуапп нæ радтой, нæдæр архайджытæн æмæ сæ ныййарджытæн, нæдæр ансамблы кусджытæн. Цалдæр хатты æрдомтой дзуапп, фæлæ ницы. Аххосджын чи у, уый зын раиртасæн у. Хъуыддаг ма уымæ æрцыд, æмæ ансамблы уæнгтæ кæрæдзийы азымджын кæнын райдыдтой. Сæ хъаст фæхæццæ ис нæ республикæйы хицауадмæ дæр. Уым фарстамæ æркастысты. Ацы ныййарджытæ æмæ сæ сабитæ паддзахадон ансамбль «Алан»-ы бæстыхайы цур фыццаг хатт нæ æрбабмырд сты. Иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц бæлвырд дзуаппмæ. Июны сын фехъусын кодтой, Ансамблы бындурыл, цы кафджыты студи куыста, уый кæй сæхгæдтой. Цавæр аххосæгтæм гæсгæ, уый тыххæй сын ничи ницы загъта. Кафджыты студи кусын райдыдта 2017 азы. Фыццаг аз куыста лæвар. Стæй уæд къуылымпытимæ æмбæлын райдыдтой. Ныртæккæ ахæм уавæрмæ кæй æрцыдысты, уым аххосæгтæ агургæйæ алы хуызон хатдзæгтæм æрцыдысты. Кæфтыты къорды аивадон разамонæг Хъыргъаты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй ансамбль Аланы разамонæг Тедеты Руслан, студи кæй сæхгæдтой, уым аххосджын кæны студийы разамонæджы. Зæгъгæ дам, сывæллæтты кафын кæй ахуыр кæны, уый тыххæй сæ æхца исы. Уыцы иу рæстæг студийы кусджытæ сæхæдæг хъазт кæнынц, мызд сын кæй нæ фидынц, уымæй. Студи ногæй кусын куы нæ райдайа, уæд паддзахадон ансамблæн дæр фидæн нæй. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты хъастгæнджытæ. Фæлæ, ансамбль дарынæн та хъæуы фæрæзтæ, афтæ зæгъы Тедеты Руслан йæхæдæг. Кæд ныййарджытимæ фембæлынмæ не сразы, уæд махæн дзуапп радта. Тедеты Руслан куыд загъта, афтæмæй студи æхгæнгæ не`скодтой. Ныр дзы хъуамæ архайой 16-17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Ома, дам паддзахадон ансамблы æппæтæн архайæн нæй. Уымæй уæлдай ма Тедеты Руслан зæгъ, ныййарджытæ бæлвырд дзуаппмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй кæй ницы зоны. Фарстайы фæдыл журналисстимæ фембæлд нæ республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй студийæн йæ сæйраг нысан хъуамæ уыдаид ансамбльмæ ног кафджытæ цæттæ кæнын. Афæдзы æрдæджы фæстæ ансамбльмæ райсæн кæй уа, ахæмты. Фæлæ, куыд рауад, афтæмæй дзы æрæмбырд кодтой сывæллæтты. Кæд се хсæн бирæ курдиатджынтæ ис, уæддæр сæ ахæм цыбыр рæстæгмæ Аланы архайджытæ нæма рауайдзæн. Стæй, 200-йæ фылдæр сывæллонæн ансамблы бæстыхайы архайынæн æмбæлгæ уавæртæ нæй. Министр ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ кæй фæнды, уыдоны бон у сæ курдиат къорды архайынмæ бахæссын. Сабитæн фадат уыдзæнис сæ раздæры аивадон разамонæгимæ архайын. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ансамбль «Алан»-ы кафджыты студи кæй сæхгæдтой, уый тыххæй адæм хъаст кæнынц
Категория:
Новости и СМИ