Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы къулæй айсдзысты Мамсыраты Хаджумары ныв
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы къулæй айсдзысты Мамсыраты Хаджумары ныв
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы къулæй Мамсыраты Хаджумары ныв айсдзысты. Ахуыргæнæндоны федералон программæмæ гæсгæ цæуы бындурон цалцæг. Ам сног кæндзысты бæстыхайы æддаг бакст дæр. Фæлæ, куыстытæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, цалцæджы фæстæ номдзыд хæстоны ныв фæстæмæ сног кæндзысты. Уый фæдыл баныхас кодтой портреты автор Цæгæраты Давидимæ.