Ахсджиаг фембæлд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовниковы разамындæй Магасы абон уыдис регионты разамонджытимæ æмбырд. Æрныхас кодтой Цæгат Кавказы Федералон субъектты транспорт æмæ логистикæйы рæзтыл 2024 азмæ. Æмбырды ма архайдтой УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев, федералон æмæ æххæстгæнæг оргæнты минæвæрттæ. Александр Матовников фæнысан кодта, регионы экономикæйы бындурыл транспорт нымад кæй у. Уымæй уæлдай ма фæсидт, цæмæй транспортон фарстатыл кусæндæттæ æмархайд кæной. Иумæ тырной регионалон фæндæгты, æфсæнвæндæгты æмæ аэропортты рацарæзтыл. Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн республикæ уыцы хъуыддаджы бирæ бакуыста. Байгом уал ис Беслæны иувæрсты фæндаг, уæдæ йын йæ хал хъуамæ ахæра Дзæуджыхъæу дæр. Афтæ ма скуыста Транскамы ног тоннель. Цалцæг кæнынц æндæр фæндæгтæ дæр. Битарты Вячеслав ма фæнысан кодта, арæх Уæллаг Ларсы хæдтулæты сахатгай æнхъæлмæ кæсын кæй бахъæуы, уый. Вæййы афтæ æмæ цалдæр километры фæндаг бацахсынц. Уавæр аивынæн фæнд кæнынц инвестицион проект «Фæндаггон бирæвæрсыг фæзтæ" сæххæст кæнын. Куыстытæ сты 300 милуан сомы аргъ. Машинæтæн дзы фæзындзæн лæууæн бынæттæ, адæмæн та – фысымуат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ахсджиаг фембæлд

Категория:

Новости и СМИ