Цæгат Ирыстоны сарæзтой нæмыг æхсынгæй ерыстæ
Цæгат Ирыстоны сарæзтой нæмыг æхсынгæй ерыстæ
Нæмыг æхсынæй ерыстæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы. Рæстдзæвиндæры æвзæрстой 8-æй 17 азы онг кары 50 архайæджы 'хсæн. Бæстон цæстдард уыд, фæсивæд хæцæнгарзæй куыд архайынц, уымæ. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, кæд архайджытæ нырма æрыгон сты, уæддæр сæ арæхстдзинад бæрзонд æмвæзадыл ис. Лæппутæ æмæ чызджытæ цæуынц практикон æхстыты къордтæм, нæ регионы сты дыууæ - Алагир æмæ Дзæуджыхъæуы. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, æппæтуæрæсеон къæпхæнмæ рацыд 12 адæймаджы, ацæудзæн Мæскуыйы облæсты сæрды. Сæ тыхтæ бафæлварынмæ нæ республикæмæ ссыдысты Стъараполы крайæ дæр.