Уæрæсейы Федерацийы президенты гранттæ рамбулыны 2019 азы конкурсæн хатдзæгтæ скодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Сæ сæйраг нысан граждайнаг æхсæнады райрæзт. Ацы аз уæлахиздзауты хыгъдмæ бахаудысты 1 мин 644 æнæкоммерцион организацийы, нæ бæстæйы æстай цыппар регионæй. Æркасты хатдзæгтæм гæсгæ уыдон кæрæдзийы хсæн адих кæндзысты 3 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Конкурсы æдæппæтæй архайдта 9 мин æмæ 11 проекты. Æркаст Цæгат Ирыстонæн дæр пайдаджын рауад. Уæлахиздзаутæ систы 7 æнæкомерцион организацийы. Æппæты фылдæр грант – 5 æмæ æрдæг милуанмæ ввахс рамбылдта «Ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсейон студентон корпус». Проектмæ гæсгæ Цæгат Кавказы фæзындзæн сæрмагонд ресурсон центр. Уым Цæттæ кæндзысты æнæхъæлæджы уавæрты иуварс кæнæг бархионты. Студенттæ сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæндзысты куыд теорийы афтæ практикæйы хуызы дæр. Дыккаг грант рамбылдта æнæкоммерцион организаци «Социалон стратегитæ», зæгъгæ. 3 милуанмæ ввахс. Сæ куыст баст у нæ республикæйы æнæкоммерцион организациты разамонджытæн, кусджытæн, бархионтæн æмæ раззагдæр архайджытæн проектыл архайыны рæстæг ахуырадон, методикон æмæ информацион æххуыс бакæнын. Гранты аккаг ма ссис «Беслæны Мадæлты» Комитет. Уый дæр рамбылдта 3 милуанмæ ввахс. Бахардз сæ кæндзысты Беслæны теракты амæттæгты ном ссарынæн. Уымæй уæлдай ма проектмæ гæсгæ æмбырд кæндзысты Беслæны теракты тыххæй информаци, араздзысты рухстауæн мадзæлттæ. Зонадон клуб «Альбус» нæ бæстæйы президенты грант рамбылдта дыккаг хатт. 2018 азы æркасты хатдзæгтæм гæсгæ зонадон клубтæ байгом кодтой Æрыдоны, Кировы, Мæздæджы æмæ Горæтгæроны районты. Ацы аз сæ гранты бæрц у 2 милуанмæ ввахс. Ног проекты фæлгæты Æрæфы, Дыгуыры, Рахизфарсы æмæ Алагиры районты фæсивæдæн æххуыс кæндзысты зонадон-сфæлдыстадон проекттæ аразынмæ, Уымæй уæлдай ма бакусдзысты рæзгæ фæлтæр сæ улæфæн рæстæгæй раст спайда кыныны мадзæлттыл дæр. Барадон центр «Право на защиту», зæгъгæ рамбылдта 1 милуан æмæ 164 мины. Проектмæ гæсгæ фæлтæрдджын адвокаттæ, юристтæ æмæ ахуыргæнджытæ республикæйы цæрджытæн юридикон æххуыс кæндзысты лæвар. Социалон æххуысы хæрзаудæн фонд «Успение» - зæгъгæ йы проект «Аланские скауты» рамбылдта 497 мины. Йæ фæлгæты æмбæлгæ хуызы йæхи чи нæ дары, уыцы сывæллæттимæ ныхас кæндзысты скаутинг кæй хонынц ахæм хуызы. Æфсады службæгæнджыты æххуысы хæрзаудæн фонд «Статус», зæгъæ рамбылдта 5 сæдæ мин соммæ ввахс. Фæнд кæнынц «Слава России», зæгъгæ сывæллæтты сфæлдыстады æппæтуæрæсеон конкурс саразын. Проекты сæйраг нысан – сывæллæттæн сæ райгуырæн бæстæйы истори æмæ хъæбатыртимæ базонгæ кæнын. Президенты фонды грантты раттыны статистикæмæ гæсгæ арæхдæр архайынц цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ æнæниз царды уагы пропагандæ чи кæны уыцы хайадты _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæрæсейы Федерацийы президенты гранттæ рамбулыны 2019 азы конкурсæн хатдзæгтæ скодтой

Категория:

Новости и СМИ