Ансамбль «Уацамонгæ» фембæлд Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттимæ
Ансамбль «Уацамонгæ» фембæлд Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттимæ
Вокалон-инструменталон ансамбль «Уацамонгæ»-йы уæнгтæ фембæлдысты Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттимæ. Фембæлд сарæзтой ирон æвзаг æмæ литературæйы боны мадзæлтты кæронбæттæны. Æрбахуыдтой йæм иннæ адæмы хæттытæй институты чи ахуыр кæны, уыдоны дæр. Ансамблы архайджытæ базонгæ кодтой студентты, ирон культурæйы кадджытæ цы бынат ахсынц, уыимæ. Кæцыдæртæ сын дзы дзургæ дæр ракодтой. Уалдай æхсызгонæй студенттæ байхъуыстой ансамблы репертуары зарджытæм. Се 'хсæн кадджытæ, адæмон æмæ героикон уацмыстæ, куывды зарджытæ æмæ æндæртæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, институты уæлдай æргом здахын райдыдтой ирон æвзаг æмæ национ культурæмæ студентты æмхиц кæнынмæ. «Уацамонгæ»-йы уæнгтæ ма фæсивæдæн равдыстой, цавæр националон инструменттæ ис ирон адæммæ, уый. Цæгъдгæ дæр сыл акодтой. Радзырдтой сын, сæ равзæрдимæ цавæр таурæгътæ баст сты, стæй сæ ныртæккæ адæмы æхсæн чи парахат кæны, уый.