Владимир Шевченко сси "Студенческий стартап", зæгъгæ, конкурсы

Владимир Шевченко уыцы бон хорз хъуыды кæны. Лекцийы рæстæг йæ телефонмæ æрбацыд хъусынгæнинаг: арфæ дын кæнæм, дæ проект рамбылдта грант - иу милуан сомы, зæгъгæ. Уыцы минутты биотехнологийы факультеты студент цы æнкъарæнтæ райста, уый радзурын дæр зын у. Уæлдайдæр йæ цæттæ кæныныл цас тыхтæ æмæ рæстæг ацыд, уый хынцгæйæ. Микроорганизмты ног штаммты æмæ сæ биологон хъомысы тыххæй проект равдыстой æркаст "Студенческий стартап"-ы. Эксперттæ куыстæн стыр аргъ скодтой æмæ ныр Владимир æмæ йæ æнтыстджын командæ дарддæр дæр ацы къабазы рæздзысты. Микроорганизмты штаммтæй дарддæр пайда кæндзысты æхсыры продуктты. Хъуамæ баххуыс уой тъæнгты низтимæ адæмæн. Мисын, æхсыр, æхсыры сæртæм иу бафтаудзысты пайдайаг буаргъæдтæ æмæ сæ иу дарддæр амондзысты низджын адæмæн. Владимир куыд радзырдта, афтæмæй проекты райрæзтыл рагæй архайдтой, уæд ам ахуыр дæр нæ кодта, афтæмæй. 10 азæй фылдæр Хæххон паддзахадон аграрон университеты куыстой микроорганизмты æххæст æмбырдгондыл. Владимир æртæ адæймаджы архайдимæ къордæн уыд сæ разамонæг. Куысты къæпхæнтæ иу раст рацарæзта, æмæ куыд хаццæг - лабораторон иртæстытæ радтой бæрæггæнæнтæ. Уымæй уæлдай ма командæ фæнд кæны бынæттон товаруадзджытимæ баныхас кæнын, цæмæй сын иу сæ хомаг балхæной æмæ йæ хъæздыг кæной хъæугæ элементтæй. Æхсыр, сылы æмæ æхсырæй конд æндæр продукттæ. Цы грант райстой, уымæй та, æнæмæнг, спайда кæндзысты сæ куысты. Студенттæ фыццаджыдæр фæнд кæнынц сæ лабораторийы хъомыс фæуæрæхдæр кæнын æмæ сæ куысты дарддæры пълан снысан кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 450 подписчиков
12+
19 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии