Цæгат Ирыстонмæ, гæнæн ис, æмæ ссæуой сывæллæттæ Иркутскы облæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат Ирыстонмæ, гæнæн уа, æмæ ссæуой улæфынмæ сывæллæттæ Иркутскы облæстæй. Уый ныртæккæ дзы цы æрдзон фыдбылызтæ цæуы, уыдонæй бахизынмæ. Ахæм хъæппæрис ма разынд Сыбыры федералон зылды 8 регионмæ. Æмткæй райсгæйæ цæттæ сты 2 мин адæймагмæ ввахс, фыдбылызы чи бахауд, уыцы сывæллæтты дзæбæхгæнæн центртæм ракæнын. Бынат сын сараздзысты санаторийты, пансионатты æмæ æндæр социалон уагдæтты. 900 сывæллоны фæхуыдтой Тулæмæ, Цæгат Ирыстонмæ æмæ Ханты-Мансийскы автономон зылдмæ. Сæ дуæрттæ байгом кæндзысты дзæбæхгæнæн центртæ «Океан», «Сменæ» æмæ «Орлёнок». Куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Иркутскы цæрджытæн баххуыс кæныны фæдыл байгом кодтой 28 социалон лæггæдты центры. Уырдæм адæм хæссынц алы хуызон хойрæгтæ, нуазынæн дон, дзаумæттæ æмæ æндæр гæзртæ, фыццаджыдæр чи бахъæуы, ахæмтæ. Уæрæсейы информацон агентадты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ бынæттон цæрджытæн байуæрзтой 60 тоннæйы хойрæгтæ æмæ 53 мин литры нуазынæн дон. Хи фарстатæй баххуыс кодтой 2 мин адæймагæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, тыхдджын тæркъæвдаты аххосæй Иркутсткы облæсты 98 хъæуы доны бын кæй фесты. Æрдзон фыдбылыз бахъыгдæрдта 10 мины æмæ 133 хæдзары. Уый 32 мины æмæ 902 адæмаджы. Се`хсæн 7 мины æмæ 852 сывæллоны. Доивылдтыты тыххæй 49 ахсджиаг социалон объекты сæ скуыст æрлæууын кодтой. Ирвæзынгæнджытæ æвæстатæй сæ хæдзæрттæй рацæуын кодтой 2 мины æмæ 563 адæймаджы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нырма доны бын сты 3 мины 426 хæдзары. 8 мины æмæ 178 адæймаджы ныр дæр ма æнæхæдзар сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстонмæ, гæнæн ис, æмæ ссæуой сывæллæттæ Иркутскы облæстæй

Категория:

Новости и СМИ