Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстад ныззæлдзæн бурятаг æвзагыл
Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан» ныззæлдзæн бурятаг æвзагыл. Ратæлмац æй кодта поэт, уацхæссæг Николай Шабаев, уымæй уææлдай ма йæ видео æрмæджы дæр бакаст йæхæдæг. Зæгъын-ма хъæуы уый, æмæ ацы хъуыды фыццаг æрцыд Цæгат Ирыстоны национ наукон чиныгдоны кусджытæм. Уыдон поэты райгуырды боныл 155 азы куы сæххæст, уæдмæ бацæттæ кодтой чиныг «Æрмæстдæр иу æмдзæвгæ», зæгъгæ. Ныммыхуыр дзы кодтой Уæрæсейы æмæ Дунейы 35 æвзагмæ тæлмацгонд æмдзæвгæ «Ныстуан». Уæдæ йæ иннæ юбилеймæ та сæ уыцы чиныгмæ фæнды бахæссын ацы æмдзæвгæйы æндæр æвзæгтæм ног тæлмацтæ. Юбилей та уыдзæн 2019 азы.Зæзгъын хъæуы,уый æмæ Къостайы сфæлдыстадмæ се`ргом æндæр адæмы хæттытæ кæй аздæхтой уый. Æрæджы куыд фехъусын кодтам, афтæмæй Болгайраг горæт Плискæйы та фыссджыты Аллеяйы фæзындзæн Къостайы номарæн цырт. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хабар у йе` мбæстæгтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къостайы æнæмæлгæ сфæлдыстад ныззæлдзæн бурятаг æвзагыл
Категория:
Новости и СМИ