Рагон бæллиц сæххæст
Æхца бафид хæдзарæн, æмæ æнæ хæдзарæй баззай – ахæм хабар кæд арæх нæ, уæддæр искуы-иу хатт рауайы. Кæй зæгъын æй хъæуы, фарста йæхи `гъдауæй лыггонд не 'рцыд. Арæзтады министрады куыст æмæ арæзтадмæ æхца чи бахаста, уыцы сайд адæмы æмбаргæ ахаст хъуыддаг йæ бынатæй базмæлын кодта. Фатер кæронмæ арæзт нæма у, фæлæ йæ куыд саив кæндзæн, ууыл Светлана Богданова ныридæгæн хъуыды кæны: йæ хæдзары кусæнгæрзтæ кæм уыдзысты, цавæр хуызтæй сахордзæн йæ къултæ, стæй кæй æрбахондзæн йæ ног хæдзары куывдмæ. Фатермæ рагæй æнхъæлмæ кæсы. 11 азы размæ сфæнд кодта йæ чызгæн хæдзар балхæнын. 2009-æм азы арæзтад æнæнхъæлæджы æрлæууыд. Ахæм хабæрттæ æрцæуынц иу фæткмæ гæсгæ: арæзтадон компани фæкъуыввит вæййы. Фæлæ нæ республикæйы арæзтады министрад сайд адæмы размæ рахаста хъомысджын хъæппæрис: хæдзар кæронмæ сараздзысты, æрмæст иумæйагæй фæрæзтæ ссаргæйæ. Зæгъæн ис афтæ, æмæ алы цæрæг дæр арæзтадæн хъуамæ бафида – 3000 сомы иу квадратон метрæн. Адæмы 'хсæн ис ахæмтæ, нырма йæ фатеры хæс кæронмæ чи нæма бафыста. Ныр арæзтадæн фидынц уыцы фæрæзтæй. Йæ фатеры фиддон æрдæгмæ чи сæххæст кодта, уыдон та агурынц уæлæмхасæн фæрæзтæ. Æндæр гæнæн нæй. Хæдзары проекты ис æрмæст 9 уæладзыджы. Фæлæ дзы аразгæ та скодтой фылдæр. Уый уымæн, æмæ уæйгонд фатерты бæрц къаддæр разынд фидæны цæрджытæй. Ныртæккæ ног фатертæм рады лæууынц 132 бинонтæ. Раздæры арæзтадон компани йæ хæстæ сæххæст кодта уагхæлдтытимæ. Ныр дзы цы ног арæзтадон компани кусы, уый ныр архайы сæ аиуварс кæныныл. Кæд хъуыддаг хорзæй ахицæн уа, уæд а-фæззæджы хæдзар байдзаг уыдзæн цæрджытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рагон бæллиц сæххæст
Категория:
Новости и СМИ