Йæ цардæй ахицæн Бызыккаты Светланæ
Йæ цардæй ахицæн зындгонд журналист, культурæйы сгуыхт кусæг Бызыккаты Светланæ. Райгуырдис Дзæуджыхъæуы, горæты 1-æм скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы паддзахадон университетмæ. Каст æй куы фæцис, уæд æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпанийы. Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ Светланæ йæхи равдыста арфхъуыдыджын æмæ бындурон кусæгæй. Йæ чысыл фыдыуæзæгыл-иу, Цæгаты уа æви Хуссары, уæззау бонтæ куы скодта, уæд-иу æнæрцæф журналист фыццæгты `хсæн атындзыдта фыдбылызы тыххæй радзурынмæ. Уыдис уарзон адæймаг кусджыты къордæн дæр. Йе `ххуыс-иу кæй бахъуыд, уымæн-иу йæ фарсмæ балæууыд. Уый тыххæй сын ахæм стыр маст æрхаста Бызыккаты Светланæйы амæлæты хабар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ цардæй ахицæн Бызыккаты Светланæ
Категория:
Новости и СМИ