35 азы сæххæст Советон æфсæдтæ Афганистанæй куы ракодтой, ууыл
Ацы æрыгон нæлгоймæгтæ ацыдысты Афганистаны хуымæтæг цæрджыты хъахъхъæнынмæ. Ныр сæ портреттæ сты лæгдзинад æмæ æхсардзинады нысæнттæ. Нæ чысыл республикæйæ хæстмæ фæсидтысты 1 мин 200 адæймагмæ. Царахаты Саламджери ацы цаутæ хъыг зæрдæйæ æрымысы. Фæлæ сæрыстыр у цæгатирыстойнаг лæппутæй хæсты чи архайдта, уыдонæй. Цæгат Ирыстонæй хæстмæ чи ацыд, уыдонæй фæстæмæ нал сыздæхтысты 70 адæймаджы. Се 'хсæн уыд Татьяна Днепровскаяйы 'фсымæр дæр. Хорз æй хъуыды кæны фронтмæ куы цыд, уый. Нæ ферох кæндзæн йæ уæззау хабар сæм куы æрбайхъуыст, уыцы цау дæр. Абон Татьянæ æххуыс кодта парчы цы быдырон цæлгæнæн равæрдтой, уым. Алы æрбацæуæгæн дæр йæ бон уыд тæвд цай æмæ сауфагæйы касæй акомдзаг кæнын. Æрвылаз 15-æм февралы Афгайнаг паркмæ æрбацæуынц салдæтты хæстæдждытæ æмæ хæлæрттæ. Номарæн мадзал бабæрæг кодта Дзанайты Барис дæр. Хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй алы хъайтары ном дæр баззайдзæн Цæгат Ирыстоны историйы. Абон, 15 февралы 35 азы размæ, Афганистанæй ракодтой советон æфсады фæстаг колоннæ. Хæст цыд 10 азы. Советон салдæттæй фæхъуыд 15 мины. Æфсæддонтæ-интернационалистты хъæбатырдзинад Уæрæсейы никуы уыдзæн рох. Сæ рухс нæмттæ сын фæлтæрæй-фæлтæрмæ хъуыды кæндзысты.