Пъæлицæйæгтæн бар радтой сæ фæлладуадзæн рæстæджы Таиланд æмæ Туркмæ цæуынæн
Гъе, фæлæ фæлладуадзæн миграциты барты кæмæн фæуæрæхдæр кодтой, уыдоны нымæцыл дæр бафтдзæн. Тæккæ абон Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев бафыста сæрмагонд уынаффæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй пъæлицæйæгтæн бар радтой сæ фæлладуадзæн рæстæджы Таиланд æмæ Туркмæ цæуынæн. Афтæмæй сæ авналæнтæ фæуæрæхдæр сты. Æрхъуыды кæндзыстæм уый, æмæ барады кусджытæн фæсарæнтæм цæуыны бар нал уыд 2014-æм азы. Уыцы фæтк ныффидар Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министрады фæндонæй. Фæстæдæр къæлæтты `лхъывд фæлæмæгъдæр. Уæрæсейæн фæсарæйнаг бæстæтимæ хъæрмуд ахастытæ кæимæ ис, уыдонæй иуæй-иутæм пъæлицæйæгтæн цæуыны фадат фæцис. Куыдфæстæмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Ныр ма сыл Турк æмæ Таиланд дæр бафтыдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйæгтæн бар радтой сæ фæлладуадзæн рæстæджы Таиланд æмæ Туркмæ цæуынæн
Категория:
Новости и СМИ