Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æркаст
Ирон адæмæн фыдæлтæй бирæ бæрæгбæттæ баззад, алкæцыйæн дæр ис стыр ахадындзинад. Зæронд бæрæгбæттимæ-ма фæзынд ног фæлтæр йемæ цы циндзинады æвдисæнтæ æрбахаста, уыдон. Зæгъæм, æрæджы куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр бæрæг кодтой мадæлон æвзаджы бон. Фæлæ ууыл хъуыддаг нæ ахицæн. Абон та райдыдта йæ мадæлон æвзагыл иузæрдион чи у уыцы ахуыргæнджытæн æркаст. Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æркасты архайынц минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны алы районтæй.Алкæйдæр сæ фæнды сæ арæхстдзинад равдисын. Абон уал презентацийы хуызы сæхи амонынц жюри уæнгтæн. Уый у æркасты домæнтæй сæ фыццаг къæпхæн у. Дарддæр та хъуамæ равдисой урок – ирон æвзаг кæнæ ирон литерæтурæйæ – æнæзонгæ къласы, æнæзонгæ сывæллæттимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнцон нæу. Фæлæ сын тых дæтты мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. «Æндæр къласы цы сывæллæттимæ нæ кусыс уыдонæн урочы ног æрмæг бацамонын, уымæн стыр ныфс хъæуы. Æмæ цын мæ зæрдæ зæгъы абон ерыс чи кæндзæн уыдон æнтыстдзинæдтæ.Дарддæр дæр афтæ ныфсджын куыд уой. Æгъдауыл хæст, цы фæрнджын хъуыддаг кæнынц уым сæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ куыд æфта», – жюрийы уæнг Безаты Фаризæ. Абон Цæгат Ирыстоны педагогон институт суазæг кодта æмæ йæ дуæрттæ бакодта ирон ныхасы фарн нæ кæстæртæм чи хæссы ахæм 13 ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæгæн.Уыдонимæ йæ ныфс конкурсмæ чи нæ бахаста,фæлæ зæрдæ чи дары,ахæм тыхтæ йæм кæй фæзындзæн,уыдонæн. Æхсызгон уый у æмæ ерысдзауты æхсæн ис ,сæ мыггаг уæвгæ ирон дæр нæу,фæлæ сæ цард ирон æвзагмимæ сбастой, ахæм ахуыргæнджытæ. «Абон махæн у стыр бæрæгбон, абон равдисдзыстæм мæнмæ гæсгæ,рæсугъддзинад,æмæ мæ фæнды,цæмæй дарддæр сæ туджы ахъара ирондзинад», – загъта «Диалогы»-ы скъолайы ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæг Меладзе Мадинæ. Алы бæрæгбон дæр фидауы кафтæй æмæ зардæй. Æркасты архайджыты бахъæлдзæг кодтой алыхуызон равдыстытæй.Бацæттæ сæ кодтой сывæллæтæ конкурсы. Ацы чысыл стъалытæ алкæйы уæнгты дæр дæр ныфсы хос бауагътой. Ерысдзауты тынгдæр бангом кодтой. Конкурс дæр æркасты хуызæн нал у. «Ацы конкурсы тыххæй мæ зæгъын фæнды. Конкурс нæу, уый у мадæлон æвзаг куыд уарзæм, уый равдыст. Уый у мæнæ иуæй-иутæ фæзæгъынц. Ирон æвзаг фесæфти, уый раст нæу. Ай у нæ дзуапп. Нæ бон у ахæм дзуапп раттын. Ома ирон æвзагæн фесæфæн нæй.Ахæм хъайтартæ кæмæ ис, ахæм рагфыдæлтæ кæмæн ис.æмæ абоны бон дæм-ма акæсут фæсивæдмæ сæ иуæй сæ иннæ хуыздæр», – 48-скъолайы ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзебысаты Ларисæ. Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у. Ныртæккæ ирон æвзаг йæ къæхты слæууын кæныныл архайынц. Гæнæн ис æмæ ахæм зæрдæргъæвд ахуыргæнджыты къухæй рацæуа фидæны æвзаджы рæзтæн стыр пайда чи æрхæссдзæн ахæм адæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон æвзаджы ахуыргæнджыты æркаст
Категория:
Новости и СМИ