Октябрьскæйы сарæзтой уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ ирон æвзаджы номыл
Ирон æвзаджы ивгъуыд бæрæгбоны кадæн Октябрскæйы сарæзтой уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ. Сæ арæхстдзинад дзы æвдисынц 13 æмæ 14-аздзыд лæппутæ. Æдæппæтæй йæ архайджыты нымæц у 200-йæ фылдæр. Сты нæ республикæйы алы районтæй. Суанг ма дзы Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр ис. Алчидæр дзы тырны уæлахизмæ. Мадзал саразыны хъæппæрис разынд æхсæнадон къорд «Иры фæсивæдмæ». Фæзындысты хæрзæрæджы. Фæлæ сæ къухы ныронг дæр бафтыд уæзæгтæ исынæй ерыстæ саразын. Ацы аз та сфæнд кодтой Хъаныхъуаты Болайы номыл спортивон фембæлд саразын. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ сæйраг хæс у рæзгæ фæлтæрæн сæ арæхстдзинæдтæ равдисынæн баххуыс кæнын. Уæдæ мадæлон æвзаг дæр хъуамæ ма рох кæной. Фидæнмæ дæр сæм бирæ пълæнттæ ис. Иннæ аз фæнд кæнынц егъау ерыстæ саразын. Уæддæр та йæ сбæтдзысты мадæлон æвзаджы бæрæгбонимæ. Абоны турниры та уал уæлахиздзауты схорзæрджын кодтой кады гæххæттытæ æмæ æхцайы премитæй. Ахæм ерыстæ фæсивæдæн стыр пайда кæй хæссынц, уый дызæрдыггаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрьскæйы сарæзтой уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ ирон æвзаджы номыл
Категория:
Новости и СМИ