Абон у кæсаг ахсыны æппæтдунеон бон
Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц кæсаг ахсыны æппæтдунеон бон. Нымад бон у 1985-æм азæй фæстæмæ. Бæрæгбон сфидар кодтой кæсаг ахсыны рæзты æмæ снывыл кæныны фæдыл æппæтадæмон конференцийы уынаффæйæ. Уый арæзт æрцыд Ромы 1984-æм азы. Кæсаг ахсын уарзынц бирæ адæм. Кæд искæмæн йæ царды иу хатт бантыст донуатмæ æнгуыримæ рацæуын, сыгъдæг уæлдæфæй дзы баулæфын, æрдзы хъæбысы фæбадын æмæ ма ноджы иу кæнæ фылдæр кæсæгтæ `рцахсын, уæд æй уыцы удæнцой никуыуал ферох уыдзæн. Кæсаг ахсыны хъуыддаг афтæ арæзт у, æмæ йæ фыццаг хатт чи бавзары, уыдонæй арæх рауайы иузæрдион кæсагахсджытæ. Сæ уарзон хъуыддаджы тыххæй ахæм адæм арвы кæронмæ дæр фæцæудзысты. Ахæмтæ ис Цæгат Ирыстоны дæр. Уыимæ сæм нымады дæр нæ вæййы, къæвда уары кæнæ мит, æви хур зæххыл атылд, уый. 27-æм июны бирæ бæстæты арæзт цæуынц кæсаг ахсынæй ерыстæ æмæ алыхуызон ахуыргæнæн семинартæ. Мадзæлттæм æрбацæуынц, куыд дæсны, афтæ райдайГÆ кæсагахсджытæ дæр. Фæстаг азты ерысты фылдæр архайын райдыдтой сылгоймæгтæ дæр. Æвæццæгæн, æмæ æмбарынц, кæсаг ахсын æрмæст æнæниздзинадæн нæ, фæлæ ма зæрдæйы ахастæн дæр пайда кæй у, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон у кæсаг ахсыны æппæтдунеон бон
Категория:
Новости и СМИ