200 милуан сомы Цæгат Ирыстоны 8 скъолайы бындурон цалцæгæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

200 милуан сомы рахай кæндзысты федералон бюджетæй Цæгат Ирыстоны 8 скъолайы бындурон цалцæгæн. Уæрæсейы Хицауады сæрдар Михаил Мишустин амыдта хицауады æмбырд. Ныхас дзы кодтой, 2020-æм азы Рухстауæны министрад, проектмæ гæсгæ, ацы аз, Цæгат Ирыстонæн цы `хцайы фæрæзтæ рахай кæндзæн, ууыл. Бæлвырддæр куы дзурæм, уæд фæрæзты нымæц у 196 милуан 744 мин сомы. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй 2020 -æм азы кæронмæ нæ республикæйы байгом кæндзысты 3 ног скъолайы. Арæзтадон куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны сты. Фæнд ма сæм кæнынц ноджы дыууæ ахуыргæнæндоны бафтауын. Куыстытæ æххæст кæнынц национ проект «Образование»-йы фæлгæты. Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæг Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проектты руаджы скъолаты фылдæр хай кусдзæн æрмæстдæр фыццаг сменæйы. Ацы аз федералон проект «Современная школа»-йы руаджы Мæздæджы арæзт фæуыдзæн, 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Кæронмæ фæхæццæ кæны, Дзæуджыхъæуы 31-æм æмæ 32-æм микрорайонты 550 бынатæн цы скъолатæ рæвдз кæнынц, уыдоны арæзтад. Уыимæ ма, ацы аз хъуамæ саразой Рахизфарсы районы, Цæлыччы, скъола 200 бынатæн. Горæтгæрон районы, Черменыхъæуы æмæ Мæздæджы районы, Хъызлары та райдайдзысты, 360 æмæ 500 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолатæ аразын. Национ проект «Образование» æххæстгонд цæуы 2019-æй-2024-æм азмæ. Æдæппæтæй йæ бюджет уыдзæн 784 млрд сомы бæрц. Проектæн йæ сæйраг хæс у Уæрæсейы ахуырады æмвæзад фæуæлдæр кæнын. Стæй, ахуырады хæрзхъæддзинад хуыздæр цы 10 бæстæйы у, уыдоны хыгъдмæ бахауын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

200 милуан сомы Цæгат Ирыстоны 8 скъолайы бындурон цалцæгæн

Категория:

Новости и СМИ