Тускъаты Таймуразы разамындæй ацыд РЦИ-Аланийы Парламенты Советы æмбырд

Рахизфарсы районы бюджетмæ фыццаг кварталы хъалонтæй æфтиæгтæ æрбацыд 74 милуан сомы. Фароны азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ уый у 30 милуан сомы фылдæр. Уый тыххæй Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег. Хицæн адæймæгтæй хъалонты æфтиæгты бæрц у 18 милуаны, зæххыты хъалонтæ та фондз æмæ æртæ милуан сомы. Уымæй уæлдай ма хъалонтæй æфстæуттæ дарынц 94 милуан сомы аргъæн. Парламенты уæнгтæ рахæцыдысты федералон закъоныпроекты фарс, хъæппæрис бахастой Уæрæсейы сенатортæ. Уыдоны фæнды административон бæрнондзинад снысан кæнын электросамокаттæ, гироскутертæ, моноцæлхытæ, электроскейтбордтæй пайдагæнджытæн. Закъоны бындурыл сæ æфхæрдзысты фæндаггон фыдбылызы бынат ныууадзыны тыххæй, бауромыны тыххæй домæнтæ нæ сæххæст кæныны фæдыл, расыгæй гарз скъæрыны тыххæй. Карздæр фæтк расиддзысты фæндаггон фæткы сæрты ахизыны тыххæй дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
33 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии