Терчыдон бахæсдзысты иумæйаг федералон проектмæ
Терчыдон бахæсдзысты иумæйаг федералон проектмæ. Уый руаджы цæугæдон бахаудзæн экологон æгъдауæй ссыгъдæг кæнынмæ цы доны объекттæ хъавынц, уыдоны хыгъдмæ. Ныртæккæ бæстæйы кусынц йæ райрæзтыл. Ног проекты фæлгæты донсыгъдæггæнæн системæтæ араздзысты промышленнон куыстуæтты, доны объекттæ хъахъхъæндзысты хъæууон хæдзарады буаргъæдтæ æмæ хауæццæгтæй. Сыгъдæг кæндзысты цæугæдæтты, цадты, донуатты былгæрæттæ. Программæмæ гæсгæ, ма сараздзысты гидротехникон кусæнгæрзтæ. Вице-премьер Виктор Обрамченкойы ныхæстæм гæсгæ, проекты райрæзтыл кусын райдайдзысты 2025-æм азы.