Уæрæсейы арæзтады министрады фæнд кæнынц лифтыты хæдзарады реестр скæнын

Уæрæсейы арæзтады министрады фæнд кæнынц лифтыты хæдзарады реестр скæнын. Ныртæккæ Уæрæсейы ахæм сæрмагонд хыгъд нæй. Уымæ гæсгæ бæлвырд бæрæггонд нæу нæ бæстæйы лифтыты уавæр æмæ профилон куыстуæтты нымæц. Уый та къуылымпы кæны къабазы архайд: хицауады федералон оргæнты, лифтытæ чи уадзы æмæ сæ чи æлхæны, уыдоны, стæй арæзтадон куыстуæтты дæр. Нымæцон реестр конд куы æрцæуа, уæд къуылымпыдзинæдтæ нал уыдзæн. Уыимæ раиртасдзысты дзуапдæттæг хæдзарады уавæр. Хицауады оргæнтæн афтæмæй æнцондæр уыдзæн сæ хæстæ æххæст кæнын. Гæрзтæ чи уадзы, уыцы куыстуæттæ та йæ æмбардзысты, сæ архайд кæцырдæм аздахой, техникон цæстдард фылдæр кæм хъæуы, уый. Иу ахсджиаг хъуыддаг ма — бахæссын сæ хъæуы "Умный дом", зæгъгæ системæмæ. Ныхас ма цæуы кæбинæты QR-кодтæ сæвæрыныл дæр. Уый руаджы базонæн уыдзæн кæм æмæ кæд арæзт æрцыд лифт, техникон æркаст кæд ацыд, уый. Ахæм системæ фыццаджыдæр пайда уыдзæн адæмы æдасдзинадæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
17 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии