Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 9 ноября 2018
Æхсæнадон æдасдзинадæн кусын, фыдракæндты ныхмæ архайын æмæ адæмы хъахъхъæнын. Ахæм бæрнон куыст кæнынц пъæлицæйæгтæ. Райсом у сæ профессионалон бæрæгбон. Абон та сæ кадджын уавæры схорзæхджын кодтой Хицауады уæнгтæ. Фидæны инженерты цæттæ кæндзысты хæрз чысылæй. Дзæуджыхъæуы сын аразынц ног технопарк "Кванториум". Цавæр дæсныйæдтыл дзы ахуыр кæндзысты æмæ йæ дуæрттæ кæд байгом кæндзæн? Базондзыстут æй. Зындгонд фыссæг Иван Тургеневы уацмыстæ ныр бакæсæн уыдзæн иронау дæр. Ахæм чиныгыл бакуыста профессор, журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг Тедтойты Зинаидæ. Йæ курдиатæн ын аргъ скодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 9 ноября 2018
Категория:
Новости и СМИ