Црауы цæрæджы æцæгæй дæр чи амардта, уый рауагътой
Гæззаты Ибрагимы, йе 'мхъæуккаджы амарынæй кæй азымджын кодтой, уый ныр рауагътой. Црауы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæджы суæгъд кодтой, пъæлицæмæ æцæг марæг куы ’рбацыд æмæ йæ аххосыл куы басаст, уый фæстæ. Уголовон хъуыддаджы фæдыл слестгæнæн комитет апарахат кодта æмбарынгæнæн фыстæг. Куыд хъусын кæнынц, афтæмæй нæлгоймаджы кæй æрцахстой, уымæн уыд йæхи аххосæгтæ. Слестгæнæн комитет хъуамæ сбæрæг кодтаит лæгмарды хъуыддагмæ исты бар дары æви нæ. Уый тыххæй рахастой уынаффæ æрцахсын. Црауы хъæуы сæргълæууæджы хæдивæг аххосджын у æви нæу, уый кæронмæ бæрæггонд нæма у. Ныртæккæ цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ. Сæ сæйраг нысан фыдракæнды аххосæгтæ сбæлвырд кæнын æмæ раст хатдзæгтæ скæнын. Уголовон хъуыддаг куыд цæуы, уымæ йæ хъус дары слестгæнæн управленийы разамынд. Ацы хабар æхсæнад сæнкъуысын кодта, уымæ гæсгæ пъæлицæйæгтæ оперативон-слестгæнæн мадзæлттæ куыд цæуынц, уый тыххæй закъонмæ гæсгæ хъусын кæндзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 15-æм октябры Црауы хъæуы æнæзонгæ нæлгоймаг фехста 44-аздзыд бынæттон цæрæджы æмæ алыгъд. Цæфæй æфхæрдбаййафæг йæ мидбынаты фæмард. Пъæлицæ æрцахста 35-аздзыд бæрнон кусæджы. Азымджын æй кодтой Уæрæсейы уголовон кодексы 105-æм статьяйы 1-æм хаймæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Црауы цæрæджы æцæгæй дæр чи амардта, уый рауагътой
Категория:
Новости и СМИ