Хорздзинад бæсты куы нæ цæуа
Кæй нæ фæндыд йæ аивдзинад, уый ма видеокамерæйы цæст дæр иннæрдæм аздæхта. Гугкайы-фырты номыл æмæ Мæскуыйаг уынгты тигъыл зæххы бынты ахизæнмæ нырма æрæджы базылдысты. Саив æй кодтой кæдæй-уæдæй. Фæлæ йæм фæстæдæр къулбадджытæ куы базылдысты, уæд дзы хорзæй ницы равдыстой. Йæ къултæ йын ныкъкъæдзтæ кодтой, къахæй дæр ма сыл балæууыдысты, афтæмæй. Цалынмæ видеокамерæйæ сæ маст истой, уæдмæ сын уый сæ хуызтæ фелвæста. Къулбадджытæ байрæджы кодтой. Цæмæн афтæ зæгъæм, уый ныртæккæ бамбардзыстут. Гугкайы-фырты номыл æмæ Мæскуыйаг уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым цалдæр мæйы размæ сцалцæг кодтой зæххы бынты ахизæн. Ныртæккæ йæм куы бакæсай, уæд æй нæ раиртасдзынæ, æрæджы йæ рацарæзтой æви дзæвгар рæстæджы размæ. Къултыл ма дзы суанг адæймаджы къахы фæдтæ дæр фендзынæ. Цæмæн сæм хъуыдис хилын, Хуыцау – йæ зонæг. Видеоцæстдарды системæ цы компани сæвæрдта, уыдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы мæйы размæ ахæм митæ нæ уыд. Къултæ уыдысты сыгъдæг. Фæлæ сæм чи фæлæудзæн. Ноябры æртæ знаггадгæнæджы æртыдтой, къулыл цы камерæ фидаргонд уыд, уый. Дыууæ та дзы иннæрдæм азылдтой, цæмæй сæ, æвæццæгæн, мачи фена. Зæххы бынты ахизæныл къулбадджытæ куы нæма бамбæлдысты, уæд цæхæртæ калдта. Уыдис дзы æфсæн дуæрттæ, къултæ керамогранитæй аивгонд, бындуронæй дзы баивтой электрон тыхы системæ. Уæдæ йæм горæты цæрджытæ дæр рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ног ахизæныл фистæгцæуджытæн сæ цин бирæ нæ ахаста. Дзæуджыхъæуы администрацийы знаггадгæнджыты агурынц хи тыхтæй. Горæты исбонæн зиан æрхастой дæсгай мин сомты аргъ. Æвзонг æнаккæгтæ дзуапп дæтдзысты сæ æнæпълан митæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хорздзинад бæсты куы нæ цæуа
Категория:
Новости и СМИ