Донбассæй 40 сывæллоны ахуыр кæнынц Дзæуджыхъæуы дыууæ скъолайы
Дзæуджыхъæуы 2 скъолайы ахуыр кæнын райдыдтой Донбассæй ссæуæг 40 сывæллоны. Ныр сын ис фадат цы æрмæг фæцух кодтой уый ахуыр кæнын. Уый тыххæй цæуынц уæлæмхасæн уроктæм. Сабитæ ног хæлæртты дæр ссардтой. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. 4-æм къласы ахуыргæнинаг Валерий Матасян бады фæстаг партæйы уæлхъус. Йæ райгуырæн горæты, æдасдзинады домæнтæм гæсгæ, уый æнæмæнг уыд. Донецкы æхстыты бын кæй нал ис, уый лæппуйы æрмæст урокты рæстæг айрох вæййы. Ахуырадон программæйæ фæстнйæ баззад. Фæлæ зæрдæ дары, тагъд рæстæджы æппæт хъæугæ зонындзинæдтæ æххæстæй кæй райсдзæн. Йæ царды фылдæр хай сывæллон ахуыртæм æмæ тренировкæтæм цыдис, æхстытæй тæрсгæйæ. Ныр æм сабыр рай уæвгæйæ дæр афтæ кæсы, цымæ та ныртæккæ сиренæты уынæр æрбайхъуысдзæн. Сæ кары сывæллæттæй уæлдай, сты хиуылхæцгæ æмæ æнкъард. Фæлæ сын ног æмгæрттæ кæй фæзынд, ууыл уæддæр цин кæнынц. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы Донецкæй сывæллæттæ ахуыр кæнынц 2 скъолайы. Æдæппæтæй 40 ахуыргæнинаджы. Æнкъард кæныны рæстæг сын нæй. Æрвылбон сæм æнхъæлмæ кæсынц цымыдисаг фæсурокты ахуыртæ. Цалдæр мæйы дæргъы скъоладзаутæн у фыццаг ахуыры бон. Зæрдæ дарынц, сæ сабидуг кæй суыдзæн сабыр æмæ æнæмæт. Горæт Ясиноватаяйы цæрæг Тимур Ирыстоны йæхицæн хæлæртты тагъд ссардта. Скъоламæ нæ цыд 6 мæйы. Чингуытæм гæсгæ ахуыр кодта йæхæдæг Тимур æмæ иннæ скъоладзаутæн ратдзысты аттестаттæ азы хатдзæгтæм гæсгæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны цы фæрстытæ уыдзæн, уыдон æй цымыдис кæнынц. Цы хуызы йæ ратдзысты, уый бæлвырд кæнынц Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрады. Регионты хæс — фæсивæды бацæттæ кæнын æмæ сын хъæугæ уавæртæ скæнын. Æмæ уый æнтысгæ дæр кæны. Сывæллæттæ иуылдæр мысынц сæ райгуырæн бæстæ. Зæрдæ дарынц, тагъд кæй сæмбæлдзысты сæ хæдзæрттыл. Æмæ кæд нырма æрыгон сты, уæддæр æй æмбарынц. Хуыздæр лæвар сæхицæн æмæ сæ ныййарджытæн у — ахуырад райсын æмæ фидæны нысæнттæ сбæлвырд кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv