Дзæуджыхъæуы Ушаковы номыл уынджы 36 æм хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ уавæрæй
Ушаковы номыл уынджы 36-æм æхсæзуæладзыгон хæдзары лифт нæй. Адæм хъизæмар кæнынц, уæлдайдæр ацæргæтæ æмæ, се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон. Коляскæтыл чи цæуы, ахæм инвалидтæ дæр дзы цæры, уымæй дæр ма - уæллаг уæладзджыты. Хæдзары нæй нæ пандустæ, нæ сæрмагонд исæн фæрæзтæ. Адæмæй ис ахæмтæ дæр, æмæ æхсæзгай мæйтæ йæ хæдзарæй чи нæ рацæуы. 6 азы цæрджытæ домынц лифт саразын алы кусæндæттæй. Фæлæ сын зæрдæ ничима бавæрдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Ушаковы номыл уынджы 36 æм хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ уавæрæй
Категория:
Новости и СМИ