Гуырдзыбегты Блашкайы мысæн бон
Дзæуджыхъæуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон чиныгдоны ацыд ирон литерæтурæйы хæдбындур æмæ ирд минæвар Гуырдзыбеты Блашкайы мысæн изæр. Абон йæ райгуырдыл сæххæст 150 азы. Йæ фыццаг уацмыстæ ныффыста 19-æм æнусы 90-æм азты. Йе `сфæлдыстадыл тынг фæбæрæг ирон литерæтурæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста. Гуырдзыбеты Блашка дæр фыста адæмы мæгуырдзинадыл, сæ бартыл. Советон рæстæджы йын йæ уацмыстæ арæх нæ мыхуыр кодтой. Абон Ирыстоны ирддæр стъалыйы иуы мысæн изæрмæ æрбацыдысты поэты хиуæттæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, студенттæ æмæ ирон аив дзырд зæрдæйæ чи уарзы, уыдон. Дзырдтой дзы поэты æмдзæвгæтæ, уымæй уæлдай ма Гергиты Валерийы номыл аивæдты училищейы минæвæрттæ азарыдысты йе `мдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Уазджытæн ма равдыстой театралон равдыстытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гуырдзыбегты Блашкайы мысæн бон
Категория:
Новости и СМИ