Патриотон проект "Верность родине - наша сила!" аххæсыд 9 мин сывæллоныл

Быдираг уавæрты гуцъула сæвæрынæн хъæуы раст æмæ цырд архайын. Ныртæккæ цæмæй æрмæг иууылдæр бамбарой, уый тыххæй командир сабыргай æмбарын кæны æппæт сусæгдзинæдтæ. Сыхаг фæзыл цæуынц тактикон медицинæйы ахуыртæ. Специалист манекеныл æвдисы уадзыг адæймагæн фыццаг медицинон æххуысы æууæлтæ. Ахуыртæ куыд цæуынц, уымæ йæ цæст дары парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Суанг ма дзы архайгæ дæр кодта. Рæнхъон цæттæдзинад, хæцæнгарзимæ раст архайд, æнæпилотон тæхæг аппаратыл амындад. Ахæм апаратæн разамынд дæттын базонын фæнды Тимур Самаркины. Пульт фыццаг хатт дары йæ къухы, куыд зæгъы, афтæмæй, хъуыддаг зын нæу. Тумур ссыд Беслæнæй, лагеры ис къуыри. Фæстæдæр та боныгон уæвыны лагеры "Верность Родине - наша сила!" проекты фæсивæдимæ фембæлд. Æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ алы хъуыддаджы раззагдæр æмæ æнтыстджын уæвыны тыххæй ныхас кодтой уазджытимæ. Проект у комплексон аххæсдзæн 9 мин сывæллоныл. Арæзт у цалдæр къæпхæнæй. Фыццаг у æфсæддон намысы бынæттæ бабæрæг кæнын, федтой сæ 700 скъоладзауæй фылдæр. Ныртæккæ цæуы дыккаг къæпхæн - боныгон уæвыны лагерь. Дарддæры къæпхæн уыдзæн фæззæджы, фæсивæд ерыс кæндзысты интеллектуалон хъæзтыты. Фæрстытæ баст уыдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ æмæ нырыккон Уæрæсейы историимæ. Уымæй уæлдай ма арæзт уыдзысты сæрмагонд операцийы архайджытимæ фембæлдтытæ. "Верность Родине - наша сила" проекты фæлгæты грантты хуызы æххуыс райсдзысты "Раззагдæрты змæлд"-æй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ бæстæйы нымад æрцыд хуыздæрыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
20 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии