Цæргæбонты бузныггаг
1988 азы 1-æм декабры Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы ахуырдзаутæй амынæты чи бахауд, уыдон фембæлдысты сæ ирвæзынгæнджытимæ. Суæгъд сæ кодтой 30 азы размæ. 10-аздзыд скъоладзаутæй ныртæккæ алчидæр йæ цырд сарæзта. Фæлæ ма ныр дæр хъуыды кæнынц, фыдгæнджыты къухтæй сæ чи ратыдта, уыдоны. Нæ сæ рох кæнынц. Семæ сын ис лымæн ахастдзинæдтæ. Мадзалмæ скъолайы рауагъдонтæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Архайдтой дзы хистæркъласонтæ. Фембæлдмæ æрбахуыдтой Советон Цæдисы мидхъуыддæгты министрады сгуыхт кусæг, инæлар-майор Бæтæгаты Таймуразы. Йæ руаджы уыцы заман ногæй боны рухс федтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 4-æм къласы ахуырдзауты сæ ахуыргæнæгимæ амынæты райстой экскурсийы фæстæ. Бандиттæ домдтой æхца æмæ фæнд кодтой фæсарæнтæм алидзын. Мидхъуыддæгты архайды руаджы террористтæн уый сæ къухты нæ бафтыд. Операцийы рæстæг иу æхст дæр не `рцыд. Дыууæ азы фæстæ уыцы цаутыл систой киноныв «Взбесившийся автобус», зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæргæбонты бузныггаг
Категория:
Новости и СМИ