Зондджын горæт
Проект «Зондджын сахар» æххæстгонд цы æртæ регионы цæудзæн, уыдоны номхыгъдмæ бахауд Цæгат Ирыстон дæр. Ахæм бадзырд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав Ростелекомимæ бафыста февралы инвестицион форумы Сочийы. Проект æххæст кæныны фæдыл Ростелекомы минæвæрттæ æрхæццæ сты Цæгат Ирыстонмæ. Фыццаджы-фыццагдæр проект æххæст кæнын бафæлвардзысты Цæгат Ирыстоны. Сæ хъуыдыйы ис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм горæт саразын, нырыккон нымæцон технологитæй йæ сифтонг кæнын. Ногдзинæдтæ апарахат уыдзысты царды алы къабазыл дæр: горæты фæзындзæн æвæстиат æххуысмæ расидыны æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты рæмудзæн мадзæлттæ иртасæн фæрæзтæ. Бæлвырддæр цавæр проекттæ æххæстгонд æрцæудзысты, уый сбæрæг кæндзысты æртæ боны `мгъуыдмæ. Аразгæ та æхцайы фæрæзтæй у. Уыдон та радих кæндзысты федералон, регионалон æмæ муниципалон бюджеттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зондджын горæт
Категория:
Новости и СМИ