1-æм сентябрæй, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ныййарджытæ æмæ хъомылгæнджытæн
1-æм сентябрæй, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ныййарджытæ æмæ хъомылгæнджытæн фадат ис сæ фидгæ фæлладуадзæн бонтæ æмбырд кæнынæн. Иу мæймæ сын æмбæлы 4 ахæм боны. Уæрæсейы хицауады бардзырдмæ гæсгæ сæ ныр ис иумæ æмбырдæй райсæн, æрмæст афæдзмæ 24 бонæй фылдæр куыд нæ уой, афтæ. Алы ахæм уæлæмхасæн фæлладуадзæн бонæн дæр фидынц кусгæ боны бæрц рæстæмбис нымадмæ гæсгæ. Кæд сæ ныййарæг кæнæ хъомылгæнæг райсын фæнд кæны, уæд рагагъоммæ хъуамæ æрныхас кæна йæ куыстдæттæгимæ.