Бюджеты фарстатæ
Цæгат Ирыстоны бюджет хъуамæ уа бæлвырд бæрæг: куыд йæ æфтиæгтæ, афтæ йæ хæрдзтæ дæр. Уый тыххæй дзырдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бюджетон къамисы æмбырды. Архайдтой дзы Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æмæ Финансты министрады минæвæрттæ. Æмбырды æркастысты сопрты министрады, фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты æмæ культурон нысаниуæг кæмæн ис уыцы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны комитеты бюджетты проекттæм. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, спорты рæзтæн хъæуы фæстауæрцгæнæн фæрæзтæй пайда кæнын. Иннæ ахсиджаг фарста - Дзæуджыхъæуы æмæ районты спортивон залтæ бæлвырд рæстæгмæ сцалцæг кæнын. Сбæрæг кодтой вазыгджын къбæзтæ - уыдон сты ахуырад, культурæ, æмæ фæсивæдон политикæ. Культурон нысаниуæг кæмæн ис уыцы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитетæн бахæс кодтой федералон бюджеты фæрæзтæй фылдæр пайда кæнын. Уæд регионалон хæрдзтæ фæкъаддæр уыдзысты. Битарты Вячеслав бахæс кодта Тускъаты Таймуразæн бюджет бæстонæй сбæлвырд кæнын. Иннæ къуыри та райдайдзысты муниципалон скондты бюджеты проекттæм кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бюджеты фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ