Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд къамисы æмбырд

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд республикæйы промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ къамисы æмбырд. Боны фæткы ахсджиагдæр фарстатæй иу – продукцийы зилдухы чи архайы æмæ товартыл гакк æвæргæйæ федералон закъонады сæрты чи хизы, уыдоны административон æгъдауæй иу фæткмæ гæсгæ æфхæрын. 1-æм октябрæй бæгæны æмæ нозтæмхæццæ нуазинæгтæй гакк æвæрдзысты авгæй æмæ полимерæй конд ботлаты уагъд чи æрцæуа, уыдоныл. 2024-æм азæй 15 январæй та ма алюминæй конд банкæтыл дæр. Уымæй уæлдай ма фæззæджы маркировкæ кæндзысты, расыг чи нæ кæны, ахæм нуазинæгтæ дæр. Республикæйы экономикон райрæзты министры хæдивæг Туаты Георгий куыд фæнысан кодта, афтæмæй амалхъом адæмы зонгæ кæнынц хъæугæ информациимæ. Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой республикæйы хæринаджы продукцийы æнæзакъон зилдухы æмæ йæ ныхмæ арæзт мадзæлттыл. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухимæ баст фарстатæ хъуамæ иуварс кæной дзуапдæттæг ведомствотæ - иумæйаг куысты руаджы. Æмбырды архайджытæн радта хъæугæ амындзинæдтæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 503 подписчика
12+
21 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии