«Эко Альянс» ы директор фембæлд Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ
Регионалон филиал «Эко-Альянс»-ы директор фембæлд Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ. Адæм раргом кодтой сæ хъуыдыдтæ, æмæ радзырдтой сæ хъæстытæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, кæцыдæр рæтты бырондæттæ фаг не сты. Хъаст ма кодтой сæрмагонд техникæйы куысты хъæр райсомæй раджы сæ кæй хъыгдары, уый тыххæй. Фæлæ сæйраг фарста- лæггæдты тыххæй фиддонтæ. Адæммæ сæвзæры арæх ахæм уавæр: фатеры кæд сæрмагонд гæххæттытæм гæсгæ, 6, кæнæ 7 адæймаджы фыст вæййы, цæргæ та дзы, зæгъæм 2-йæ кæнынц, уæд куыд фидын хъæуы, уый бæлвырдæй нæ зонынц. Куыстуаты разамонæг Гуæздæрты Магомет ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт бырæттæй, бакусынц æрмæстдæр сæ 10%-ыл. Сæ 90% та аиуварс кæнынц полигонты. Фæлæ тагъд рæстæг хъуыддаг хорзырдæм фæрæстмæ уыдзæн, бæлвырддæр та 2028-æм азы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бакусдзысты хауæццæгты 85%. Уый тыххæй та цæттæ у æмбæлгæ программæ. Гуæздæрты Магомет, куыстуат «Эко-альянс»-ы разамонæг: «89-æм федералон закъонмæ гæсгæ махæн нæ бон у ахæм фарстайыл ногæй бакусын, ома фиддонты бæрцтæ ногæй банымайын. Фæлæ уый тыххæй, фатеры хицау хъуамæ æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæна. Зæгъæм, кæд ныййарджытæн сæ фырт ацыд æфсадмæ, уæд сæ военкаматæй хъæуы райсын справкæ. Кæнæ, зæгъæм, адæймаг ацыд цæрынмæ Уæрæсейы æндæр горæтмæ, уæд æй хъæуы рæстæгмæ саразын регистраци. Уый фæстæ ахæм æвдисæндар нæм бадæттын. Фарстайыл уæд мах ногæй бакусдзыстæм». Гуæздæрты Магомет, куыстуат «Эко-альянс»-ы разамонæг: «Ныридæгæн нын республикæйы хицауад рахай кодта зæхх. Кусæм уал, цæмæй йæ сæрмагонд гæххæттытæм гæсгæ сфидар кæнæм. Уый фæстæ дзы райдайдзыстæм амайын нырыккон полигон æмæ хауæццæгтæ хуызтæм гæсгæ кæм равзарынц, ахæм завод». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Эко Альянс» ы директор фембæлд Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ