Хъæлæба кæнынц Бехъаны цады уæлхъус
Иугæр чысыл раздæр нæ егъау экраны `ххуысæй спайда кодтам, уæд та йæм ныр дæр раздæхæм. Равдисдзыстæм та уын дзы, социалон хызæгты чи апарахат, ахæм кадртæ. Бæлвырдæй чи æмæ цæуыл хъаугъа кæны, уый зын зæгъæн у. Фæлæ адæмы ныхæстæй куыд рабæрæг, афтæмæй сты цæгатирыстойнаг кæсагахсджытæ. Хъæлæба кæнынц Бехъаны цады уæлхъус. Ныры заман цæхгæр æмæ æнæнхъæлæджы ныхас арвæрттывдау ахæлиу вæййы адæмы `хсæн æмæ та ныр дæр афтæ рауад. Ацы цад, дам, бауыдзæн хицæн адæймаджы æмæ кæсагахсджыты уый азмæста. Айтæ-уйтæ нал фæкодтой, фæлæ цады ног хицау суæвинаг чи у, уый бацагуырдтой. Сæхи цæттæ кодтой карз ныхасмæ, адæмы исбонмæ цæмæн æвналыс, зæгъгæ. Фæлæ уыцы æбæрæг адæймаг нæ фæзынд. Уымæ гæсгæ адæмы бахъуыд сæхи `хсæн быцæу кæнын. Нæлгоймæгтæ сæхиуыл тызмæгæй дзурынæй нал ауæрстой, иуты дзы бафæндыд уæлдæр хицауадмæ сæрмагонд фыстæг дæр арвитын. Куыд уынут, афтæмæй цады былмæ бирæ адæм æрæмбырд. Афтæ сызнæт сты, æмæ кæд ног хицау ис доны бæрцуатæн, уæд, чи зоны, хуыздæр у, кæй нæ фæзынд, уый. Æндæр æй мæстджын адæм доны дæр баппæрстаиккой. Ныр домынц, цæмæй сын сæ хъуыддагмæ исчи `ркæса. Æвæццæгæн, уал уыдзыстæм нæхæдæг, уымæн æмæ нæ фæнды ацы хъуыддаг ноджы бæлвырддæрæй равзарын. Кæд æмæ нын куыд рауайдзæн, уый нæ бон зæгъын нæма у. Арæх афтæ вæййы, æмæ телефоны камерæйы цур хъæддыхæй йæ фæндыл чи фæдзуры, уый телекомпанийы уацхæссæджы цур дзурынмæ нал фæарæхсы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæлæба кæнынц Бехъаны цады уæлхъус
Категория:
Новости и СМИ