Фæндæгтæм базилдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Цæгат Ирыстоны фæндæгты управлени «Кавказы»-ы кусджытæ цалцæг кæндзысты фæндæгты 80 километры æмæ 4 хиды. Куыстытæ бакæндзысты, куыд æмбæлы, афтæ. Асфальт уыдзæн фидар. Тагъд рæстæгмæ схауынæй йын тæссаг нæ уыдзæн. Тынгдæр бакусинаг у Дзæуджыхъæу æмæ Алагиры хсæн фæндаг. Уымæй уæлдай ма, сараздзысты Беслæны иувæрсты цæуæг фæндаг. Æркæсдзысты Транскамы сосæ фæндаджы уавæрмæ дæр. Абон нæ уацхæсджытæ уыдысты уым æмæ дзы бакусинагæй цы ис, уый базыдтой. Дурызгъæлдæй фæндаг бахизын – аразджыты сæйрагдæр хæс. Быцæутæ, хызæгтæ æмæ зæйты ныхмæ ифтонггæрзтæ. Дæнцæгæн хæссинаг – Ручъы тоннель. Æрдз куыдфæндыдæр йæхи куы дара, уæддæр дæлхох фæндагæн тæссаг ницæмæй у. Арæзтадон куыстытæ цæуынц ныртæккæ 66-æй 74-æм километрмæ уаддзагыл. Зæронд уæлцъар халынц, æвæрынц донуадзæн ног хæтæлтæ, къахынц цъайтæ. Сæйрагдæр та – быцæуæн бырутæ. Аразынц сæ æрмæст хохрæбын нæ, фæлæ ма доны былгæрæттыл дæр. Уæлладжы дæргъ у 470 метры, бинæгтæ та – 310. Чысыл дарддæр фæндаджы асфальт. Нырма уал куыст цæуы 8 км дæргъыл. Ноджы ма йæм бафтаудзысты. Хъуыддаг куыстуат «Кавказ»-ы бæрны ис. Фыццаджыдæр кæсынц фæндæгтыл цæуыны æдасдзинад, траспорт дзы æнæкъуылымпыйæ куыд цæуа, уый. Уыцы куыстуатæн ис 5 дæлхайады. Хауынц сæм фæндæгты 19 мин км. Нæ республикæйы – 271. Ам – тъæпп, уым – тъæпп кæндтытæ нæ, фæлæ, куыд æмбæлы, афтæ. Сæйраг фæндæгты уавæр бæлвырд кæнынц управленийы кусджытæ. Се `хæс ма у алфамблæйттæ дæр нывыл кæнын. Архайынц нырыккон техникæ æмæ технологитæй. Фæндæгты 81%, ацы управленийы бæрны чи сты, уыдон сæрмагонд домæнтæн дзуапп дæттынц. Цæгат Ирыстоны фæндаггон кусджытæ базилдзысты фæндæгты 80 км æмæ ма 4 хидмæ. Алханчурты ацæуæнмæ – бæстонæй. Фылдæр та бакусын хъæудзæн Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагыл. Сцалцæг дзы кæндзысты 24 км. Уымæй уæлдай ма æркæсдзысты Цæгат Ирыстоны æмæ Гуырдзыстонимæ арæнты цур уавæрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæндæгтæм базилдзысты

Категория:

Новости и СМИ