Скъолаты кълæсты ахуырдзауты ахуыр кæндзысты аграрон куысты бындурон зонындзинæдтыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзауты ахуыр кæндзысты аграрон куысты бындурон зонындзинæдтыл. Ахæм хъæппæрис бахаста нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав проектон офисы радон æмбырды. Практикæйы хуызы проект æххæст кæнынмæ хъавынц Кировы районы, Змейкæйы 2 скъолайы бындурыл. 9-11 кълæсты хсæн. Скъоладзауты ахуыр кæндзысты зæххимæ архайын, халсартæ садзын æмæ тыллæг æмбырд кæныныл. Гъер цæмæй æнцондæр бамбарæн уа - хуымæтæг картофы куыст кæныныл цæуы ныхас. Куыд æй садзын хъæуы, куыд æй рæзын кæныны хъæуы, æвæццæгæн, куыд скъахын дæр ма йæ хъæуы, уый дæр. Уыцы зонындзинæдтæ сын амондзысты Елхоты бирæвæрсыг колледжы ахуыргæнджытæ. Йæ директор Хъайтыхты Григорийы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Цы зæххыл кусдзысты, уый дæр сбæрæг кодтой. Методисттæ архайынц ахуырадон программæйыл. Фæстæдæр та фæнд кæнынц мыггæгтæ балхæнын. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башаринæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахуыртæ араздзысты алы къуыри. Программæмæ гæсгæ уыдзæн куыд теори, афтæ практикæ дæр. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ скъоладзаутæ хъæууон хæдзарадон къабазмæ æрмæст иу цæстæй ма кæсой,фæлæ сæхæдæг дæр дзы бацархайынмæ цæттæ куыд уой. Ацы хъуыддаг дзырдттаг сси æдæмы хсæн. Хабар апарахат социалон хызты дæр. Дзурынц дзы алыхуызон хъуыдытæ. Нæ интерактивон къулыл уын, ныртæккæ равдисдзыстæм интернеты тыгъдады цы фыссынц уый. Хъусынгæнинæгтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иу хуызон не сты. Кæмæдæр ацы хабар хорз кæсы, ома дам скъоладзаутæ чырæ телефонтæй пайда кæныны бæсты, сыгъдæг уæлдæфæй уæддæр уылæфдзысты, зæгъгæ. Чидæртæ та нæ разы кæнынц. Ома дам сывæллæттæ лæвар кусын кæнын хорз нæу. Кæй фыдæбон кæндзысты, уый тыхххæй сын æхца фидын хъæуы. Фылдæр сабухтой ныййарджытæ – мæ сывæллоны никуыдæм ауаццæн, зæгъгæ. Иу дзырдæй – цал адæймаджы, уал хъуыдыйы. Не сфæлдыстадон къорд рацыд горæты уынгтæм æмæ бафарста æрсгæтты картоф садзынмæ сæ уроччыты фæстæ фæнды, æви нæ? Байхъусæм ма сæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Скъолаты кълæсты ахуырдзауты ахуыр кæндзысты аграрон куысты бындурон зонындзинæдтыл

Категория:

Новости и СМИ