Адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы музыканттæ æмæ культурæйы колледжы студенттæн уыд сфæлдыстад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

32 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы музыканттæ æмæ культурæйы колледжы студенттæн уыд сфæлдыстад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

32 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

32 просмотра

3 года назад

Ирон музыкæйы мидис, йæ арф хъуыды, йæ алы фæзилæн дæр хорз æмбары, æмæ уыдон кæстæртæн бауарзын кæныныл архайы. Ходы Олег курдиатджын фæсивæдыл зæрдиагæй ауды, æххуыс сын кæны се сфæлдыстадон фæндтæ цардмæ рауадзынæн. Курдиатджын музыкант, йæ оркестры уæнгтимæ иумæ, архайы  фыдæлты аивады рухс дзыллæтæм аивдæрæй хæссын. Фидæны та ахæм хæстæ æвæрд кæуыл уыдзæн, уыдоны 'хсæн сты Культурæйы республикон колледжы студенттæ. Уый фæдыл сын Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы национ инструментты оркестр бацæттæ кодта цымыдисаг сфæлдыстадон фембæлд. Алы музыкалон уацмысæн дæр йæ гуырæнтæ цæуынц, нæ фыдæлтæ цы хъæздыг культурон хæзнатæ сфæлдыстой, уыдонæй. Æмæ ирон аивад мисхалгай чи æмбырд кæны, цæстыгагуыйау æй чи хъахъхъæны, ахæм адæм æрбамбырд сты Цæгат Ирыстоны падзахадон филармонийы. Музыканттæ студентты размæ цы уацмыстæ рахастой, уыдоны 'хсæн уыд Хаханты Дудары Ирон фæндырæн æмæ симфонион оркестрæн фыст концерт. Фыццаг хатт æй 70-æм азты адæмы размæ рахаста Гæздæнты Булат. Ныр соло ацæгъдыны бар радтой Культурæйы колледжы 4-æм курсы студент Уалыты Фидарæн. Алы музыкалон уацмысæн дæр ис йæхи хъысмæт, йæхи базыртæ тæхынмæ, адæймаджы зæрдæ ссарынмæ, æмæ йын йæ мидис дæхиуыл куы нæ банкъарай, дæхæдæг æй зæрдæйы арфæй йæ куы нæ сисай, уæд æй хъусджытæ дæр нæ бамбардзысты. Ацы лыстæгдзинæдтæ базонын кæнын уыд оркестры уæнгты сæйраг нысан. Сфæлдыстадон фембæлдæй студенттæ разыйæ баззадысты. Иу хатт ма бамбæрстой ирон музыкæйы арф æнкъарæнтæ, йæ зæрдæскъæфæг уæздан фæлмæндзинад. Ходы Олег зæрдæ бавæрдта, ахæм фембæлд ногæй кæй сараздзысты, уымæй. Студенттæ та æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц ног дæсныйадæвдисæн ахуыртæм.

, чтобы оставлять комментарии