Хъæууон хæдзарады министр Дыгургомы
Цæгат Ирыстоны хицауад хъæууон хæдзарады рæзтмæ уæлдай æргом здахы. Фæлæ цавæр паддзахадон æххуыс æмæ кредит райсыны цавæр гæнæнтæ ис, уый фермертæн сæ фылдæр зонгæ дæр нæ кæнынц. Цæмæй уыцы хъуыддæгтæ фæбæлвырд уой, уый тыххæй хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег куысты фæдыл ацыд Дыгуры районмæ. Зæрдæ бавæрдта, Уæрæсейы хъæууон хæдзарады банчы кусджытимæ уыцы хъуыддæгтыл бæстон кæй æрдзурдзæн, уымæй. 2 мины 200 сæры фос. Уыдонæй 1 мин 500 — фыстæ, 700 та хъуццытæ. Ахæм у Дыгургомы кооперативон хæдзарад «Век»-ы фæллой. Нырма хæрзæрыгон у, афæдз дæр ыл нæма цæуы. Фæлæ йæ фæллой бонæй-бонмæ фылдæр кæны, æнтысы сын. Ныридæгæн уал кæнынц дзидзайы куыст, фæлæ сæ фидæны фæнды æхсыры куыстмæ дæр рахизын. Сæ фосы бæрц дæр хъуамæ 200 сæры фæфылдæр уа. Хъæууон хæдзарады рæзтæн стыр æххуыс сты гранттæ. Стæй канд уыдон нæ. Фæлæ æндæр мадзæлтты тыххæй фермертæ фылдæр хатт хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег куыстуæттæм рабалц кодта, цæмæй сын йæхæдæг хабар бамбарын кæна. Уый та уый тыххæй, æмæ нæ республикæйы æнæмæнг хъæуы фосы æмæ зайæгойты куыст дæр кæнын. Фосы куыст кæнын фæнды хъæууон-хæдзарадон кооператив «Хадати»-йы дæр. Сæ фæнд æххæст кæнынмæ сæрæнæй бавнæлдтой. Ныридæгæн аразынц фермæ. Æнхъæлмæ кæсынц кредиты хуызы æххуысмæ. Хъæуы сæ балхæнын 500-йæ фылдæр стуры. Кæд сæ фæндтæ сæ къухы бафтой, уæд иннæ азы фермæ скусдзæн. Уæдæ Езеты Аслæнбеджы фермерон хæдзарадæй дæр цы зæгъдзынæ? Кæны зайæгойты куыст. 32 гектарыл сæхи айтыгътой дыргъ бæлæстæ. Ацы аз æнхъæлмæ кæсынц сæ фыццаг тыллæгмæ. Фæнды йæ, цæмæй нæ республикæйы тæрхæджытæ йæ дыргъты фæрцы фæхъæздыгдæр уой. Уый йын бар ратдзæн йæ дыргъдæтты фæзуат 32 гектарæй 50 гектармæ фестырдæр кæнын. Ныридæгæн нæ республикæйы дыргъ бæлæсты фæзуæттæ ахсынц мин æмæ `рдæг гектары. Кæсæг-Балхъар нырма ацы хъуыддаджы сæрæндæр сты, уыдонæн сæ дыргъбыдыртæ сæхи райтыгътой 20 мин гектарыл. Уазиты Хъазыбег фæсидт ацы хъуыддагмæ фылдæр æргом аздахын. Зæгъæн ис, æмæ баййафын, стæй фæстейы фæуадзыны нысанимæ. Уый тыххæй фермертæн хъæуы паддзахадон æххуыс бакæнын. Цавæр, уый зæхкусджытæн биноныгæй дзурдзысты. Абон уал Дыгургомы. Иннæ балц уыдзæн Алагиры районмæ. Стæй афтæ дарддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады министр Дыгургомы
Категория:
Новости и СМИ