Барвæндонæй къуыввитт
Фидын цы хæстæ уæ бон нæу, уыдонæй уын ис ссæрибар уæвыны фадат. Æрмæст уæ бахъæудзæн фæкъуыввитты мадзæлттæ сæххæст кæнын. Уæрæсейы Федерацийы 2015 азæй йæ тыхы бацыд ног закъонæвæрд. Йæ дзыпп кæмæн нæ амоны йæ хæстæ фидын, уыцы адæмæн закъон æвдадзы хос фæуыдзæн. Ис дзы дыууæ домæны: дæ хæс 500 мин сомæй хъуамæ къаддæр ма уа, стæй æхца банкмæ бахæссыны фæтк 3 мæйы фæд-фæдыл куы фæкъахыр кæнай, уæд. Хæсджын адæймаг иу мæймæ хъуамæ æмбæлгæ гæххæттытæ бахæсса арбитражон тæрхондонмæ. Дарддæр ын фысгæ у курдиат æмæ афтæмæй нымад æрцæудзæн æнæхъомыс адæймагыл. Закъонæн ис йæхи фæстиуджытæ: 3 азы адæймагæн бар нæ уыдзæн амалхъом куыстытæ кæнынæн æмæ хицауы бынат ахсынæн. Уымæй уæлдай, фæсарæнтæм цæуыны фæнд чи скодта, уыдоны бартæ дæр æрцыбыр уыдзысты. Уæвгæ адæймаг дзаг риуæй куы сулæфа, уæд уый та цæй аргъ у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Барвæндонæй къуыввитт
Категория:
Новости и СМИ