Уæлдай цæстдард
Изæрыгон Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорт æнæкъуылымпыйæ цæуы, æви нæ, уый бæрæг кæны республикæйы промышленность æмæ транспорты министрад. Уагдоны минæвæрттæ сарæзтой рейдтæ. Æркастысты, изæры 8 сахатæй 10 сахатмæ Дзæуджыхъæуы æппæты фылдæр адæм кæм вæййы, уыцы æрлæууæн бынæтты маршрутон такситы цыдимæ. Бæлццæттимæ иумæ алæууыдысты Штыбы фæзы, Кировы уынджы, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цур, ОЗАТЭ-йы районы, дукани "Кеша"-йы цур лæууæн бынаты. Рейды рæстæг рабæрæг кодтой - изæры 8 сахаты фæстæ 4, 31, 34, 37, 44-æм номыртимæ маршрутон такситæ æппындæр нæ цæуынц. 1, 5, 8, 22, 24, 25, 77-æм маршрутты куыстмæ иртасджытæ фау не `рхастой. РЦИ-Аланийы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов: «10 хъастæй 8 вæййынц, æхсæнадон транспорт æвзæр кæй цæуы, уыимæ баст. Уавæр зонгæйæ, мах сарæзтам сæрмагонд фæтк. Йæ домæнтæм гæсгæ бæлццæтты бæрц æппынæдзух бæрæг кæнæм. Фæстаг 6 мæймæ æркастыстæм 1500 транспортон иуæгмæ, уæлдайдæр, изæрыгон куыд кусынц, уымæ. 444 шофыры та иваргонд фæкодтам. Æдæппæтæй ивартæ бафиддзысты 5 милуан сомы бæрц». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлдай цæстдард
Категория:
Новости и СМИ