Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг парчы бирӕуӕладзыгон арӕзтад халынц закъонмӕ гӕсгӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг парчы бирӕуӕладзыгон арӕзтад халынц закъонмӕ гӕсгӕ. Горӕты администраци куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕзакьон арӕзтад халынӕн сӕм ис ӕппӕт хъӕугӕ проектон документаци, бадзырдтӕ ӕмӕ бардӕттӕг гӕххӕттытӕ дзуапдӕттӕг къабӕзтӕй. Ныхас цӕуы, арӕздан хицӕн зӕххыл цы хай лӕууы, уый хицӕуттыл. Уыцы хай раздӕр лӕвӕрд ӕрцыд эксплуатацийӕ, ацыд регистраци ӕмӕ фидаргонд уыдысты фӕзуаты хицӕуттӕ. Фӕстӕдӕр фӕзуаты арӕнтӕм ногӕй ӕркастысты, бахастой ивддзинӕдтӕ ӕмӕ дзы фӕзынд, бар кӕмӕн радтой, арӕзтады ахӕм объекттӕ. Прокуратурӕ уыцы уынаффӕты фӕдыл фарст сӕвӕрдта. Курдиӕттӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ раздӕры уынаффӕтӕ уым аиуварсгонд ӕрцыдысты. Ныртӕккӕ, бирӕуӕладзыгон арӕзтады фарсмӕ цы бӕстыхӕйттӕ ис, уыдоны хицӕуттӕ сӕ бартӕ раздыхыныл архайынц. Сӕрмагондӕй, бырӕуӕладзыгон арӕзтад кӕй халынц, ууыл тӕрхондоны ныхас нӕ цӕуы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv