Фидæны пъæлицæйæгтæ
Дзæуджыхъæуы æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центрмæ райстой ног курсантты. Ахуырадон хайады кæрты сын кадджын уавæры "Æгас цу загътой". Æдæппæтæй сты 180 ахуыргæнинаджы. Уыдон фаронимæ абаргæйæ сты дыууæ хатты фылдæр. Ахуыр кæндзысты иу мæй, бæлвырддæр та- 144 ахуырадон сахаты. Уыцы рæстæгмæ æфсæддон службæйы фæлварæнтæ раздæр чи ацыд, уыцы курсанттæн сæ бон уыдзæн сæ дæсныйад фæуæлдæр кæнын. Ахуыры кæрон курсанттæн ратдзысты æфсæддон пъæлицæйы сертификаттæ, се `руаджы сæ бон уыдзæн хæцæнгарзæй пайда кæнын. Фидæны та æнæ сæрмагонд фæлварæнтæй уæлдæр куысты бынатмæ схизын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дзæуджыхъæуы æфсæддон полицæйы ахуырадон центр кадджын уавæры байгом 1-æм декабыры 2017-æм азы. Æфсæдтон пъæлицæйы сæйрагдæр хæс у, Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты салдæтты `хсæн дисциплинæйыл бакусын. Ам æфсæддонтæ сæ дæсныйады зонындзинæдтæ фæуæлдæр кæндзысты, мах сын хъæугæ уавæртæ араздзыстæм Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй æнтсджынæй радтой фæлварæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фидæны пъæлицæйæгтæ
Категория:
Новости и СМИ