Æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ зынгсирвæзт ма руадзыны къамисы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ зынгсирвæзт ма руадзыны къамисы æмбырд ацыд Дзæуджыхъæуы. Амыдта йæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Æрдзырдтой дзы 4 фарстайыл æмæ снысан кодтой 2020 азы куысты пълан. Фылдæр се ’ргом аздахтой 2019 азы хатдзæгтæм. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ граждайнаг хъахъхъæнынады управленийы разамонæг Айларты Арсены ныхæстæм гæсгæ, фароны куыстытæ ацыдысты æмбæлгæ æмвæзадыл. Фæнысан кодта иумæйаг радхæссæн-диспетчерон службæйы куыст дæр. 2019 азмæ бакуыстой 89 мин æмæ 722 тагъд хъусынгæнинагыл, срегистраци кодтой 19 мин æмæ 500, уыдонæй 5 мин æмæ 719-ыл та бакуыстой муниципалон аварион бригадтæ. 2019 азæй куыстуат«Владикавказские водопроводные сети»-йы тыхтæй, сцалцæг кодтой 100 зынгсирвæзты ныхмæ арæзт гидранты. Фæрниаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд цæстдард хъуамæ здахой скъолатæ, рæвдауæндæттæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты æдасдзинадмæ. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг барадон дæлхайæдтæн бабар кодта, донивылдтыты рæстæгмæ куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæнхъæлæджы уавæртæй бахизыны æмæ зынгсирвæзт ма руадзыны къамисы æмбырд

Категория:

Новости и СМИ