Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны`хсæн арæнты æрцыд хæцæнгарзæй æхстытæ
Хуссар Ирыстоны хъусын кæнынц, Гуырдзыстоны арæнты 'хсæн хæцæнгарзæй æхстытæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Республикæйы паддзахадон æдасдзинады комитеты куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ Знауры районы, Цънелисмæ ’ввахс сæ архайд фæтынгдæр кодтой. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй уыцы ран æрæджы Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнджытæ сарæзтой æнæзакъон блокпост. Хуссар Ирыстоны хицауад бадомдта, цæмæй йæ айсой, фæлæ уыдон дарддæр пост ифтонг кæныныл схæцыдысты. Уæд Хуссар Ирыстоны арæнхъахъæнджытæ дæр уыцы ран æрбынат кодтой æмæ сæхи блокпост аразын райдыдтой. 13-æй - 15 декабрмæ, Хуссар Ирыстоны пъæлицæйæгты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, арæнты 'хсæн та æрцыд æнæбары дамбацатæй æхстытæ. Пайда кодтой алыхуызон хæцæнгарзæй, æхстытæ хъуыстысты æхсæвыгон дæр. Уыимæ ма, профилон комитеты куыд нысан кæнынц, афтæмæй арæнты фылдæр кæнынц Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты сконды къордтæ. Уыцы иу рæстæг, Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хъусын кæны, Цънелисы цы æнæзакъон блокпост ис, уымæ уæлдай фылдæр æргом здæхт кæй цæуы. Зæрдæ бавæрдта, бынæттон цæрджытæй дзы тæссаг кæй никæмæн у, уымæй. Цы тæссаг уавæр сæвзæрд уый та политикон æгъдауæй кæй иуварс кæндзысты. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æдасдзинады домæнтæ кæй халы, уый се'ппæтæн дæр бæрæг у, загъта Бибылты Анатолий. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны`хсæн арæнты æрцыд хæцæнгарзæй æхстытæ
Категория:
Новости и СМИ