Абон Елхоты цæрджытæ бæрæг кодтой сæ хъæуы 180 азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Абон Елхоты цæрджытæ бæрæг кодтой сæ хъæуы 180 азы юбилей. Бæрæгбоны мадзæлттæ сарæзтой сæйраг уынджы. Адæм иууылдæр циндзинады фæдыл æрбамбырд сты. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты кадджын уазджытæ дæр. Ацы бон ма уæлдай ахсджиаг рауад. Кадджын уавæры байгом кодтой ног скъола дæр. Елхоты ног скъоламæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Абон та сын у дывæр бæрæгбон. Хъæуы юбилей æмæ ног скъола йæ дуæрттæ кæй байгом кодта, уый. Кадджын мадзалы бацархайдта нæ респбуликæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Ног скъолайы ис 360 бынаты. Хæрзхъæд ахуырад райсынмæ дзы ис алы фадат дæр: компьютертимæ кълас, егъау спортивон зал æмæ концертон зал. Сæрмагонд кълæстæ биологи æмæ хими ахуыр кæнынæн. Агъуыстытæ ифтонг сты æмбæлгæ рухсытæй æмæ нырыккон зынгсирвæзтыты ныхмæ системæйæ. Ацы скъолай ахуыр кæнын райдыдтой сентбыры. Ныридæгæн дзы зонд амонынц 348 сывæллонæн. Ахуыргæнæндон хæссы инæлар Карсанаты Хъазыбеджы ном. Бæргбонмæ сын, скульптор Хайты Ибрагим балæвар кодта инæлары бюст. Мæнæ ам та, Намысы аллеяйы ис йæ цыртдзæвæн. Абон ма дзы кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон бюстытæ Лазарты Аслæнбегæн, Нæкуысаты Дагкойæн æмæ Дзгойты Ерусланæн. Хæрзад дыргътæ, халсартæ, æхсырæй конд продукци æмæ дидза. Сæйраг уынджы та байгом кодтой хъæууон хæдзарады армукъа. Иууылдæр æрмæстдæр бынæттон продукци. Аслам æмæ хæрзхъæд. Републикæйы сæргълæууæг цы федта, уымæй разыйæ баззад. Хъæуы цæрджытæ æрбамбырд сты культурæйы хæдзары концертон залы. Хуыздæрты Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. Хъæууон хæдзарадмæ, ахуырад æмæ маедицинæмæ зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыцы кадджын кусджытæн нæмттæй кад скодтой. Се хсæн Козырты Эльбрус, Плиты Георгий æмæ Дзгойты Тамарæ. Хъæуы цæрджытæн Битарты Вячелав раафо кодта æмæ загъта бузныджы ныхæстæ. Уымæй уæлдай ма республикæйы сæргълæууæг хъæуæн балæвар кодта сертификат сывæллæттæн ног хъазæн фæз саразынæн. Уæдæ Елхоты уынгтæ абон сæ хуыз скалдтой. Адæмы цинæн кæрон нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Абон Елхоты цæрджытæ бæрæг кодтой сæ хъæуы 180 азы юбилей

Категория:

Новости и СМИ